Сывæллæтты театр "Премьера"-йы артисттæ фæуæлахиз сты Санкт-Петербург
Фестивалы равдыстыты зæрдæмæдзæугæдæр сси "Манюня"- хъæлдзæг спектакль ныридæгæн репертуары ис дыккаг аз, арæх свæййы Гран – прийы аккаг. Абон дæр та йын жюри бæрзонд бæрæггæнæнтæ радта. Сæйраг ролы Валерия Синицкая. Бынтон æндæр æнкъарæнтæ — драмæйы композицы "Эхо войны"-йы. Репетициты сывæллæттæн зын уыд. Фæлæ æппынæдзух сæхиуыл куыстой æмæ куыд хатдзæг - радвысты фæстæ зал сыстад, бирæтæ кæугæ дæр скодтой. Саукуйты Тамерлан хъазыд салдаты. Анна Тарасова та хъазыд постхæссæг Нюрка - Беда -йы, уый равдысты бинонтæм хæццæ кодта сау фыстæджытæ. Куыд иннæ актертæн, афтæ чызгæн дæр ахæм сурæты æнцон нæ уыд. Куыд зæгъы афтæмæй йын æппæты зындæр уыд пьесæйы тæмæны. Инæлары сурæт ахъазыд Гуытъиаты Руслан. Цæмæй йæ æххæстæй равдиса, уый тыххæй æвзонг лæппу интернеты агуырдта æрмæг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй, бæлвырддæр базонгæ ис историимæ. Кæд æмæ фæсивæдæн æнцон нæ уыд, уæддæр жюрийы зæрдæтæ балхæдтой æмæ бацахстой фыццаг бынат. 40 адæймаджы ацыд Санкт - Петербургмæ. Театралон равдыстытæй уæлдай ма артисттæ бацæттæ кодтой хореографи дæр. Астæуккаг къорд - "Аэрофлот" æмæ "Улочки московские", хистæр та - "Бон Аппетит" æмæ "Студент". Æппæтæн дæр скодтой стыр аргъ. Фестиваль "Инфинити Старс"-ы хатдзæг - уыцы иу рæстæг цалдæр раззагдæр бынаты æмæ Гран - при. Разамонæджы ныхасмæ гæсгæ - уый уыд ирд уæлахиз. Мæй фæстæ хистæр къордмæ æнхъæлмæ кæсы бæрæгбоны бал æмæ кадджын уавæры хуыздæр номырты равдыст. Фæззæджы та æрыгон артисттæ сæ курдиат равдисдзысты Адыгеяйы.