"Иугонд Уӕрӕсе"-йы минӕвӕрттӕ сбӕрӕг кодтой сывӕллӕтты рӕвдауӕндон "Дюймовочка"
Бындурон цалцӕджы фӕстӕ спортзал фӕуӕрӕхдӕр. Фӕзынд дзы агъуыст инвентарӕн. Сывӕллӕтты рӕвдауӕндон "Дюймовочка" сарӕзтой 38 азы размӕ. Фарон ноябры ам ахицӕн егъау цалцæг. Сӕйрагдӕр фарстатæй иу алыг кодтой. Ныр бындур хъахъхъæнынц сӕмӕнтæ. Ноджы баивтой мебель иууылдӕр. Сабитӕн сӕ хуыссӕнуаты — мӕнӕ ахæм сынтӕджытӕ. Сæ фæрцы тыгъдад фестырдæр. Ноджы ма ам сног кодтой хойраджы блок. Цалцӕджы фӕстиуджытӕн аргъ скодта сӕрмагонд къамис. Йе сконды — "Иугонд Уӕрӕсейы" уӕнгтӕ, Дзӕуджыхъӕуы минӕвӕртты ӕмбырды депутаттӕ ӕмӕ бындурон арӕзтады управленийы кусджытӕ. Ӕмткӕй райсгӕйӕ, сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, куыстытæ æххæстгæнæг йӕ архайд хорз ӕмвӕзадыл бакодта. Фӕлӕ уӕддӕр ис уайдзӕфтӕ. Мониторинг скодтой проект "Ног скъола"-йы фӕлгӕты. "Иугонд Уæрæсейы" адӕмон программӕ уӕлдай ӕргом здахы социалон объектты бындурон цалцӕгмæ. Ацы аз Цӕгат Ирыстоны сног кӕндзысты 24 скъолайы, 6 рӕвдауӕндоны ӕмӕ астӕуккаг профессионалон ахуырады 6 кусæндоны.